Фарныхъæуы сылгоймæгты бæрæгбоны фæдыл сарæзтой сæрмагонд мадзал
irystontv
Афтæ хъæлдзæгæй æмæ рæсугъдæй Фарныхъæуы сæмбæлдысты хъæуккаг сылгоймæгты æппæтадæмон боныл. Культурæйы бынæттон хæдзары сарæзтой бæрæгбон. Бацæттæ дзы кодтой хъæуы сылгоймæгты къамты равдыст. Хъæубæстæ æмæ уазджытæ ардæм æрбамбырд сты бæрæгбоны мадзалмæ. Зарджытæ, кæфтытæ æмæ зæрдиаг арфæтæй изæр рауад хъæздыг. Хъæуы æрыгон бирæсывæллонджын сылгоймæгты &та сарæзтой хъæзтытæ æмæ ерыстæ, чи сæ у сæрæндæр, зæгъгæ, уый рабæрæг кæнынмæ. Архайдтой дзы Абайты, Джимиты æмæ Берозты чындзытæ. Ноггуырд сывæллонимæ архайынмæ, хæринаг кæнынмæ, кафынмæ арæхстджындæр чи у? Ирон фынджы культурæ хуыздæр чи зоны? Ахæм хæслæвæрдтæ уыд сæ размæ æвæрд. Сæйрагдæр та сæ хъуыд радзурын, цæмæ уарзынц хъæуккаг цард? Сценæмæ рахизын, хи аивæй равдисын æмæ ма хъæлдзæг ерысты цæрдæгæй бацархайын, кæй зæгъын æй хъæуы, бынтон æнцон нæ каст конкурсы архайджытæм. Фæлæ сæхи æнтыстджынæй равдыстой. Аргъ та сын кодтой жюрийы уæнгтæ – Рахизфарсы районы ахуырад æмæ культурæйы управленийы минæвæрттæ. Хъæуы администраци та сын бацæттæ кодта дипломтæ æмæ лæвæрттæ (æхцайыпремитæ). Хъæуккаг сылгоймæгты зæрдæтæ барухс кæныны хъæппæрис разынд республикон культурæйы колледжы студенткæ Биджелты Бертæмæ. Мадзалы сæйраг хæс уыд хъæуты цæрæг сылгоймæгты кад фæбæрзонддæр кæнын, стæй цы æвæрæн хæссынц сæ алы боны куыст æй нæ бæстæйы рæзтмæ, уымæ уæлдай цæстæнгас раздахын.