Афæдзы райдиан зæрдæ бавæрдтам республикæйы культурæйы артдзæстытæ бабæрæг кæнынæй
irystontv
Афæдзы райдиан зæрдæ бавæрдтам республикæйы культурæйы артдзæстытæ бабæрæг кæнынæй. Æмæ нæ ныхас нæ сайæм. Нæ радон балц уыд Рахизфарсы районмæ, Фарныхъæумæ. Хъæуы культурæйы хæдзар бирæ фæлтæртæн фæлæггад кодта. Æрæджы та æрцыд бындуронæй цалцæггонд. Цавæр здæхтытæм гæсгæ архайынц хæдахуыр артисттæ æмæ ахадгæ у сæ курдиат? Нæ уацхæссæг Дзæдзойты Фатимæ йæ базыдта.