Хуымæллæджы адæмон театры сфæлдыстадон къорд республикæйы хуыздæртæй иу у

Аватар автора
irystontv
Роль афтæ ахъазын, цæмæй театрдзауы хъайтары æнкъарæнтæ бауырной. Сценæйыл спектакль "Фæззыгон дидинджытæ"-йы репетици: алы фезмæлд æмæ репликæмæ дæр йæ цæст дары режиссер Айларты Асæхмæт. Сæйраг ролы — Дулаты Альбинæ. Адæмон театрмæ æрбацыд 2019 азы. Йæ цард æнæ сценæйæ нæ уыны. Актрисæ суæвынмæ бæллыд йæ сабибонтæй фæстæмæ, фæлæ профессионалон ахуырад райсын къухы нæ бафтыл. Сæниаты сурæт раргом кæнын Альбинæйæн æнцон нæ уыд, фæлæ дзы режиссеры дæсныдзинад æмæ хæлар зæрдæ ныфс бауагътой. Адæмон театрмæ куы &уыцы бон Æлбегаты Каринæ хорз хъуыды кæны. Байхъуыстой йæм æмæ йæ курдиат уайтагъд сæ зæрдæмæ фæцыд. Архайы, цæмæй репетицитæ ма цух кæна, кæд уыцы иу рæстæг медицион колледж æмæ аивадон гимназы ахуыр кæны, уæддæр. Хуымæллæджы театр у республикæйы рагондæртæй иу. Раздæр уыд драмон къорд, цыдысты йæм хъæуы фæсивæд. Фыццаг спектакльтæ сæвæрдтой ивгъуыд æнусы 30-æм азты. Уæдæй рæзын райдадтой æмæ 1961 азы райстой адæмоны ном. Хъуылаты Яким дзы уæдæй нырмæ архайы. Театры репертуары ис цалдæр спектаклы, иууылдæр иронау. "Фæззыгон дидинджытæ" адæмы размæ сæрды рахастой. Адæмон театрæн Айларты Асæхмæт разамынд дæтты ныр 5 азы. Æнусон историимæ коллектив бирæ Гран-притæ рамбылдта. Ацы аз "Театралон уалдзæджы" фестивалы фыццаг бынæттæ райстой дыууæ номинацийы: "Нæлгоймаджы хуыздæр роль" æмæ "Хуыздæр режиссурæ".

Скачать Видео с Дзена / Dzen

Рекомендуем!

0/0


0/0

0/0

0/0