Беслæны кадджын уавæры байгом сывæллæтты рæвдауæндон
irystontv
Сывæллæттæн райдзаст сабидуг балæвар кæнын. Беслæны кадджын уавæры байгом хъомыладон артдзæст. Ног рæвдауæндоны ис 230 бынаты. Райдзаст агъуыстытæ, ног хъазæнтæ æмæ нырыккон ахуырадон æрмæг. Сабитæн дзы арæзт æрцыд æппæт уавæртæ дæр. Кадджын мадзалмæ саккаг кодтой республикæйы хицауады уæнгтæ. Хъомылгæнинæгтæн ракодтой арфæ. Беслæнæй нæ уацхæссæг Калоты Дзерассæйы æрмæг. #Alania