Джимиты Дзерассæ Фарныхъæуы цæры 17 азæй фылдæр

Аватар автора
irystontv
Афтæ хæларæй æмæ хъæлдзæгæй Джимиты бинонтæ æмбырд кæнынц сихоры фынгмæ. Хæдзары æфсин сын ракодта хæрзад чъиритæ. Аходæны фæстæ кæстæртæ иумæйагæй фынг афснайдтой. Хæдзары куыстытæ кæддæриддæр бирæ вæййы. Джимиты Дзерассæ сæ йæ цоты &адих кæны афтæ, цæмæй сæ алчидæр йе &бахæсса иумæйаг хъуыддагмæ. Агуындæ нартхоры кæрдзынтæ æвæры тæбæгъыл. Йе &сæ тынг уарзынц, уæлдайдæр та хъармæй. Сæ хæрзад тæф дардмæ цæуы. Дзерассæйы ныхæстæм гæсгæ, йын йæ чызг йæ къух зынгæ фæрогдæр кæны. Йæ фырттæ Тимур æмæ Тамерлан та уыцы рæстæг архайынц цæхæрадоны. Сæ зæххы хай стыр у. Зайын кæнынц пъамидортæ, джитритæ, бырц, уыимæ бирæ æндæр халсартæ æмæ дыргътæ. Ардæм, Фарныхъæумæ, Дзерассæ смой кодта 23 аздзыдæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, фыццæгты йын æнцон нæ уыд. Фæлæ йæ фарсмæ уыдысты йæ бинонтæ, алы хъуыддаджы дæр ын æххуыс ын кодтой. Слыгоймаг хъæуы цæры 17 азы. Йæ бинонтæй тынг разы у, кæй сæм æрбахауд, уый стыр амондыл нымайы. Медицинон колледж каст куы фæцис, уæд кусынмæ бацыд тагъд медицинон æххуысмæ. Куыд радзырдта, афтæмæй йæ дохтыр суæвын фæндыд сабийæ фæстæмæ. Ныр, хæдзары куыстытæ уæлдай фæллой кæны рынчындоны. Йæ кæстæр чызгмæ та йын фæкæсынц хистæр сывæллæттæ. Афтæ хъæлдзæгæй сывæллæттæ &сæ рæстæг. Дзерассæ та йæ фидарæй зоны — хъæуккаг цард хицæн кæны хъармдзинадæй. Ам иууылдæр кæрæдзийы зонынц, адæм баххуыс кæнынмæ кæддæриддæр сты цæттæ. Суанг ма йын, æртæ фаззоны хъомыл кæнынмæ дæр сыхæгтæ фæкастысты. Ахæм иумæйаг архайд та дзурæг у ууыл, хъæуы цæрынц иу бинонты хуызæн. Абон...

Скачать Видео с Дзена / Dzen

Рекомендуем!

0/0


0/0

0/0

0/0