Цæгат Ирыстоны уæлæмхасæн ахуырады системæйы 20 мин сывæллонæн скæндзысты бынæттæ
irystontv
Дзуарыхъæуы скъоладзаутæ сæ хъайтары цардвæндаджы тыххæй алцыдæр зонынц. Гæздæнты Аланы къорд фæцис знаджы æхстыты бын. Æфæддон уæззау цæф фæцис. Йе &куы æрцыд, уæд атагъд кодта йæ цæф æфсæддонтæн баххуыс кæнынмæ. Аланы госпитальмæ фæхæццæ кодтой, фæлæ нæ аирвæзт. Майоры йæ амæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой Жуковы номыл майданæй. Стенды фарсмæ интерактивон стъол. Сывæллæттæ лæмбынæг кæсынц Гæздæнты авд æфсымæры къамтæм. Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй сæ иу дæр нал сыздæхт. "Фидæны тыххæй хъуыды кæнын" музейыл цæуы 50 азмæ хæстæг. Алагиры районы иунæг у. Сывæллæтты бафæндыд архив нымæцон хуызмæ ракæнын. Афтæмæй дзы информаци агурын, сæйрагдæр та ахсджиаг гæххæттытæ дарын фенцондæр. Ног кусæнгæрзты &ныры фæлтæры сразæнгард кæндзысты истори ахуыр кæнынмæ. Црауы скъолайы та лæппуты ахуыр кæнынц хъæдæрмæгимæ кусын. Зырæйзилæн гарз дæр сæрмагонд у - цыбыр хъомысимæ. Хъæдимæ архайын æнцон нæу. Ам фæллой кæндзысты 1-æй 11-æм къласы онг ахуырдзаутæ. Къуыри дыууæ хатты дыгай сахатгай æмæ уый уæлæмхасæн ахуырады фæлгæты. Чызджыты та хуыйын ахуыр кæндзысты. Фыццаг урокы, æнæмæнг, æдасдзинады домæнтæ сфæлхат кæнын æмæ гарзимæ архайын базонын. Ныридæгæн сабитæй бирæтæ хъуыды кæнынц цы аив къабатæ цæттæ кæндзысты, ууыл. Къордтæ лæвар сты. Архайдзысты дзы 80 сывæллоны. Цыппор лæппуйы æмæ цыппор чызджы. Фæллойы уроктæм цæуын скъоладзаутæн фадат ис федералон проект "Успех каждого ребёнка", зæгъгæ, нацпроект "Ахуырад"-мæ гæсгæ. Ссæдз мин бынаты скæндзысты сывæллæттæн уæлæмхасæн ахуырады системæйы. Уый...