Абон 95 азы сæххæст Цæгат Ирыстоны фыццаг президент Галазты Æхсарбеджы райгуырдыл
irystontv
Куырыхон зонды хицау, цæсгомджын æмæ дардмæуынаг. Стыр зæрдæимæ адæймаг æмæ йæ республикæйы патриот. Ахæмæй Галазты Æхсарбеджы хъуыды кæнынц, чи йæ зыдта, уыдон. Йæ райгуырæн хъæу Хуымæллæджы ахуыргæнæгæй кусгæйæ æнхъæл дæр нæ уыд, йæ адæмæн бирæ хæрзты кæй бацæуыдзæн, уый. Йæ хъысмæт æнцон нæ уыд. Сывæллонæй бавзæрста зындзинæдтæ. Уымæ гæсгæ рауад удæй фидар. Цыбырты Людвиг Галазты Æхсарбеджы хъуыды кæны куыд хистæр хæлары. Уый алкæддæр цæттæ уыд адæймаджы фарсмæ балæууынмæ, йæ бон куыд уыд, афтæ иу баххуыс кодта. Арæх иу сæм рауад ныхас æддагон æмæ мидæггаг политикæйы фарстатыл. Галазты Æхсарбег Ирыстон Цæгат æмæ Хуссарыл нæ дих кодта. Иухуызон архайдта дыууæ республикæйы цард фæхуыздæр кæныныл. 90-æм азтæ Горæтгæрон районы уæззау уавæрты рæстæг дæр иу Галазы фырт йæхимæ ссардта тыхтæ æфсымæрон республикæйы интерестæ бахъахъхъæнынæн. Галазты Æхсарбег ахста бæрнон куысты бынæттæ. Уыд Цæгат Ирыстоны Автономон Советон Социалистон Республикæйы рухстауынады министр, ЦИПУ-йы ректор, Уæлдæр Советы сæрдар. Республикæйæн разамынд куы лæвæрдта, уыцы рæстæг та нымад у регионы историйы уæззаудæрыл. Советон Цæдæс куы фехæлд, уæд социалон-экономикон уавæр фæцудыдта. Фæлæ Галазты Æхсарбег йæхи цæсгомджынæй равдыста. Тыхст рæстæг адæм удæнцой ссардтой спорты. Уый &рахызт ног æмвæзадмæ. Галазы фырты номимæ баст сты "Спартак-Дзæуджыхъæу"-ы егъау уæлахизтæ. 90-æм азы командæ уæлдæр лигæмæ куы бахауд, уæд стадион хъуыд фестырдæр кæнын. Дыууæ мæймæ дзы арæзт æрцыд 10 мин ног бынаты. Къорды...