Йæ цардæй ахицæн Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт, Цæгат Ирыстоны адæмон артист Суанты Хъазыбег

Аватар автора
irystontv
Бæрзонд æмæ хæрзконд, йæ хъæлæс — зæрдæмæхъаргæ. Ацы зарæг фыст æрцыд Хъазыбеджы сфæлдыстадон фæндаджы райдиан. Æрыгон курдиат адæмы зæрдæтæ уайтагъд балхæдта. Уæвгæ, аивадмæ къахдзæфтæ кæнын райдыдта сабийæ. Æвæццæгæн ын æндæр гæнæн дæр нæ уыд. Хъазыбег схъомыл музыкалон бинонты. Суанты бинонтæ цардысты Мамысоны, Тлийы хъæуы. Уырдыгæй ралыгъдысты Кировыхъæумæ, 1957 азы æрцардысты Алагиры. Сæ фырттæ Феликс, Ким æмæ Хъазыбег æртæйæ дæр æмхиц уыдысты зарынмæ, уыдис сын аив хъæлæстæ. Хъазыбеджы курдиат раиртæстой скъоладзауæй æмæ йæ райстой Орджоникидзейы курдиатджын сывæллæтты скъоламæ. Хъыгагæн, æфсымæрты хистæр æрыгонæй ахицæн йæ цардæй. Хъазыбег æмæ йе &Кимы хъæлæстæ та базыдта æппæт республикæ дæр. Курдиатджын адæймаг, дам, алы хъуыддаджы дæр курдиатджын вæййы. Хъазыбег æнтыстджынæй каст фæцис ГИТИС-ы ирон театралон къорды студи. Йемæ ахуыр кодтой Гæлæуты Анатолий, Медойты Светланæ, Хъантемыраты Терезæ, Дзиуаты Анатолий æмæ ма бирæ курдиатджын адæм. Хъазыбег нымад уыд хуыздæр студенттæй иуыл. Цагъта цалдæр музыкалон инструментыл. 1969-æм азы театралон къорд сластой дипломон спектакль Ирыстонмæ "Æхсинтæ æмæ Гусартæ". Ам Суаны фырт снывæзта кодта Эдмунды сурæт. Ирон театр сси йæ дыккаг хæдзар. Суанты Хъазыбег театр æмæ кинойы цы сурæттæ раргом кодта, уыдон абон дæр уарзон сты адæмæн. Архайдта "Ах любовь", "Семейная драма", "Курьер на Восток" æмæ æндæр кинонывты. Суанты Хъазыбегæн бантыст сæххæст кæнын сæдæ сурæтæй фылдæр. Кæддæриддæр архайдта ирон аивад парахат кæныныл. Йæ...

Скачать Видео с Дзена / Dzen

Рекомендуем!

0/0


0/0

0/0

0/0