Экономикон форумы хъомыс, картофы ног мыггæгтæ æмæ Рекомы бæрæгбон | Йæ рæстæгыл

Аватар автора
3-æмæй 6-æм июнмæ нæ республикæ архайдта егъау æмæ глобалон экономикон форумы. Уым æрæмбырд сты бæстæты сæргълæуджытæ, уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг стыр куыстуæтты разамонджытæ, амалхъом адæм æмæ эксперттæ. Цӕгат Ирыстоны делегаци дзы бафыста, республикæйæн цы стратегион бадзырдтæ фæпайда уыдзысты, уыдон. Ууыл дзырдтам нæ уазæгимæ. Нæ равдысты дыккаг хайы та ныхас кодтам, Хæххон Паддзахадон аграрон университеты наукон кусджытæ цы картофы ног мыггæгтæ рауагътой, уыдоны тыххæй. «Адеон» æмæ «Фарн» рæхджы хъуамæ суой быдырты фидауц. Кæронбæттæн та скодтам бæрæгбонæй. Хурхæтæны мæйы Ирыстоны цæрджытæ дæр æрæмбырд вæййынц Цъæйы комы, цæмæй скувой тыхджын дзуармæ. Рекомы фыдæхæй тæрсгæйæ, адæм ыл сæхи æмæ сæ бинонты бафæдзæхсынц. Рухс бонты ахадындзинады тыххæй дзырдтам нæ студийы уазæгимæ.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0