Люпин, дикторты конкурс æмæ ансамбль «Арц-тох»-ы уæлахиз | Йæ рæстæгыл

Аватар автора
Люпин. Хъӕууонхӕдзарадон зайæгой. У хъӕдурджынты мыггагæй æмæ йæ хонынц цӕгатаг сойæ, афтӕ егъау у йæ хъомыс. Уыимӕ люпины хиаргъ у сойæйæ асламдæр. Æвæджиауы холлаг æй хонынц, фос чи дары, уыцы адæм. Фæлæ цæмæдæр гæсгæ нæ республикæйы парахат нæма у. Цæуылнæ? Ууыл дзырдтам нæ студийы уазæгимæ. Нæ равдысты дыккаг хайы ныхас кодтам æхсӕнадон змӕлд «Иудзинад» ирон ӕвзаджы нымæцон райрӕзты Фонд ӕмӕ ӕхсӕнадон организаци» Ирон Федераци «-имӕ цы дикторты конкурс расидысты, уый тыххæй. Бæлвырддæр хабæрттæ та нын радзырдтой нæ уазджытæ. Равдысты кæронбæттæны та нæм сæмбæлдысты уазджытæ Ногирæй. Кафджыты ансамбль «Арц-тох» Сочийы бацахста 5 фыццаг бынаты æмæ райстой дыууæ Гран-Прийы. Къорды архайджытæ адæмæн равдыстой цалдæр кафты. Уæлахиздзаутæ нын радзырдтой, Сочийы сæ рæстæг куыд арвыстой, уый.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0