Дзанайты Барис архайдта хъæбæр коммуналон хауæццæгтыл бакусыны системӕимæ

Аватар автора
Дзанайты Барис архайдта хъæбæр коммуналон хауæццæгтыл бакусыны системӕимæ баст фарстаты фӕдыл ӕмбырды. Видеоконференцийы руаджы йӕ амыдта вице-премьер Дмитрий Патрушев. Куыд фӕбӕрӕг кодта, афтӕмӕй хӕстӕгдӕр азты саразын хъӕуы инфраструктурӕйы бирӕ объекттӕ. Афӕдзы райдайӕнӕй эксплуатацийы радтой цыппар комплексы: Ленинграды, Челябинскы облӕстты, Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ Дагестаны. Афтæмæй архайды къæпхæнтæ фæбæрзонддæр кæнын хъæуы. Зӕгъӕм, объекттæ видеоцӕстдарды камерӕтӕй сифтонг кæнын. Дмитрий Патрушев сӕвӕрдта хӕс алы регионы дӕр саразын кусӕг къорд. Уый бынæттæм цæудзæн æмæ бæрæг кæндзæн арæзтады къæпхæнтæ, æвæстиатæй иуварс кæндзæн æппæт фарстатæ. Ӕмбырды хатдзӕгтӕм гӕсгӕ Дзанайты Барис куыд фӕбæрæг кодта, афтӕмӕй регионы стыр ӕргом здӕхт цӕуы къабазы фарстатæм. Сергей Меняйло цы фæтк ныффидар кодта, уымæ гæсгæ ацы аз балхӕнын хъæуы æртæ сæдæ контейнеры бӕрц ӕмӕ саразын хъӕуы æстай специализацигонд фӕзуатӕй фылдӕр. Афӕдзы райдайӕнӕй республикӕйы ныридӕгӕн самал кодтой сæдæ иуæндæс контейнеры ӕмӕ сарӕзтой дыууын æхсæз фӕзуаты.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0