Цӕгат Ирыстоны студентты цӕттӕ кӕнынц ӕнӕхъӕлӕджы уавӕрты министрады кусынмӕ

Аватар автора
Сӕйрагдӕр — зиан ма 'рхæссын. Сонт змӕлд кӕнӕн нӕй. Хъыгдардбаййафæджы машинӕйӕ раст сисын хъӕуы. Ӕцӕг аварийы рӕстӕг уыцы арӕхстдзинӕдтӕ ирвӕзын кӕнынц адӕймаджы ӕнӕниздзинад ӕмӕ цард. Инструктор ахуыр кӕны, цӕмӕй тас ма уа. Хъæуы сабырӕй архайын. Ирвӕзынгӕнджытӕн ис тӕссаг куыст. Хъуамӕ алцӕмӕ дӕр цӕттӕ уой. Зӕгъӕм, судзгӕ хӕдзармӕ бацӕуын, адӕмы зӕйы бынӕй сисын, кӕнӕ ӕвӕстиатӕй хохмӕ схизын. Тренировкӕтӕ цӕуынц алы бон дӕр. Студенттӕ, зæгъынц, зын у. Фӕлӕ сахуыр вӕййынц. Ӕрӕджы Цъæйы ӕмбырдтӕй ӕрыздӕхтысты. Уыдон ахастой 6 боны. Хæххон бынат иттӕг хорз у фидӕны ирвӕзынгӕнджыты бацӕттӕ кӕнынӕн. Сохиты Миланӕ нӕ тӕрсы зын фӕлварӕнтӕй. Тренировкӕ кӕны лӕппуты ӕмрӕнхъ. Кусы йӕхиуыл нæ ауæрдгæйæ. Чызджы ӕдзухдӕр бæллыд адӕмы хъахъхъӕнынмæ. Фыццаг ӕй фӕндыд адвокат суӕвын. Фӕлӕ фӕстагмӕ равзæрста Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад. Бинонтӕ йӕ хъуыдыйы фарс рахӕцыдысты. Ныртӕккӕ ахуыр кӕны 3 курсы. 3 мӕймӕ къорды йӕ бон бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр кӕнын баци. Тараты Оледжы та фӕнды хохы кусын. Зоны йæ — хӕхбӕсты иу рæдыд дæр скæнæн нæй. Ныридӕгӕн базыдта ӕлхынцъыты ӕппӕт хуызтӕ бӕттын. Сахуыр къæдзæхтыл бырыны ӕмӕ фыццаг ӕххуысы арӕхстдзинӕдтӕ. Цъӕймӕ ӕрӕджыйы балц ын йӕ цымыдисдзинад фӕфылдӕр кодта ирвӕзынгӕнӕджы дӕсныйадмӕ. Кæд дзы ӕфсӕддон боны хуызӕн чи у, ахӕм карз фӕтк уыди, уæддæр. Паддзахадон бирӕвæрсыг техникумы агурӕг-ирвӕзынгӕнӕг къорд Цӕгат Кавказы фыццаг у. Ныртӕккӕ дзы ис 48 адӕймаджы. Алы студент дӕр ацыд карз ӕвзӕрст. Ӕндӕр гӕнӕн нӕ уыд. Ӕрмӕст профессионализм ӕмӕ...

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0