Дзанайты Барисы разамындæй уыд зӕххыты мелиорацийы къабазы паддзахадон ӕххуысы фарстаты фӕдыл æмбырд

Аватар автора
Дзанайты Барисы разамындæй уыд зӕххыты мелиорацийы къабазы паддзахадон ӕххуысы фарстаты фӕдыл æмбырд. Цӕгат Ирыстоны арæзт цæуынц хъæугæ мадзæлттæ аграриты ацы здæхты архайынмæ сразæнгард кæнынæн. Дыууæ мин дыууын фæндзæм азмæ республикӕйы донхорыджы системӕ æххæсыд дыууадæс мин гектарыл. Уыдонæй дæс мины — федералон исбоны донхорыггӕнӕн системӕты руаджы. Ацы азы пъланмæ бахастой фондз проекты Ӕрыдоны, Мӕздӕджы, Рахизфарсы районты, сӕ иумӕйаг фӕзуат — мин æртæ сæдæ гектары. Республикӕйы хъӕууон хӕдзарады министрады хъусынгæнинагмæ гӕсгӕ, мелиорацийы райрӕзт фадат ратдзӕн хоры кондад æртын-фæндзай проценты фӕфылдӕр кӕнынӕн. Сӕйраг объект — Цӕлыччы донхорыгон канал, эксплуатацийы йæ радтой дыууæ мин дыууын фæндзæм азы. Бахастой æм фæндзай дыууæ хæдзарадæй фылдӕр. Донхорыггонд зӕххыты проектон хъомыс у 8 мин гектарӕй фылдӕр. Республикӕйы хъӕууон хӕдзарады министрад райдыдта курдиæттæ исын мелиорацийы проекттæн субсидитæ дæттыны фæдыл. Ныртӕккӕ хъӕууон хӕдзарады кусджытæ цӕттӕ кӕнынц документтӕ Уӕрӕсейы хъӕууон хӕдзарады министрадмӕ курдиӕттӕ бадӕттынӕн паддзахадон ӕххуыс райсынӕн.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0