Дзæуджыхъæуы уыд РЦИ-Аланийы адæмон фыссæг Торчынты Хъазыбеджы сфæлдыстадон изæр

Аватар автора
Уырыссаг театры уыд Цӕгат Ирыстоны адӕмон поэт, республикӕйы адӕмон фыссӕг Торчынты Хъазыбеджы сфӕлдыстадон изӕр. Ацы аз Уӕрӕсейы фысджыты Цӕдисы уӕнгыл сӕххӕст æстай фондз азы. Хъазыбег райгуырд Беслӕны, каст фӕци Дагестаны педагогон институты филологон факультет, фæстæдæр та Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультет. Цалдӕр азы куыста æмæ цард Алтайы. Йæ сфӕлдыстадон фӕндаг раджы райдыдта. фыццаг ӕмдзӕвгӕ Торчыны-фырт ныффыста æхсæрдæс - аздзыдӕй. Мин фараст сæдæ нæуæдз æвдæм азы мыхуыры рауагъта йӕ фыццаг чиныг «Опомнитесь, люди!», зæгъгæ. Ацы аз та рухс федта рауагъдад «Правда рассекающая ложь», йӕ аразӕг - Цомартаты Изӕтбег. Ӕдӕппӕтӕй Торчынты Хъазыбег у цыппар сæдæ уацмысы автор. Сфӕлдыстадон изӕрмæ сæмбæлдысты кадджын уазджытæ Кавказы иннӕ регионтӕй дæр. Уырыссаг театры сценӕйыл республикæйы артисттæ бакастысты æмдзæвгæтæ.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0