31 кадӕг. 31 псалом на осетинском языке

Аватар автора
Тӕхудиаг у, йӕ фыдмийы азым барст кӕмӕн у, ӕмӕ йӕ тӕригъӕд хатыргонд кӕмӕн у. Тӕхудиаг у, Хуыцау йӕ зылын кӕмӕн нӕ банымайдзӕн, йӕ уд ӕнӕхин кӕмӕн у, уыцы адӕймаг. Мӕ тӕригъӕд куы нӕ хъӕр кодтон, уӕд ме 'рвылбоны хъӕрзынӕй ме стджытӕ скӕлӕддзаг сты. Уымӕн ӕмӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнкъардтон Дӕ къухы уӕз; ме уӕнгты тых айсӕфти, цыма сӕрдыгон хус рӕстӕджы. Фӕлӕ Дын ӕз раргом кодтон мӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕ фыдми нӕ бамбӕхстон. Ӕз загътон: «Басӕттон Хуыцауы раз мӕ фыдмитыл», ӕмӕ Ды систай мӕ азым, ныббарстай мӕ тӕригъӕд. Афтӕ Дӕм алы рӕстгӕнӕг дӕр бакувӕд, цалынмӕ Дын ссарӕн ис; уӕд ӕм стыр дӕтты ивылӕнтӕ дӕр нӕ бахӕццӕ уыдзысты. Ды ме 'мбӕхсӕн Дӕ, бахиздзынӕ мӕ хъыгтӕй ӕмӕ мын ратдзынӕ ирвӕзыны цины зард. Ды загътай: «Раст зондыл дӕ сараздзынӕн, цы фӕндагыл дӕ цӕуын хъӕуы, уый дын бацамондзынӕн; уыдзынӕн дын уынаффӕгӕнӕг. Уӕларвӕй дӕумӕ у мӕ каст. Ма ут ӕнӕрхъуыды бӕх кӕнӕ хӕргӕфсы хуызӕн, идонӕй кӕнӕ дзыларӕй здахын кӕй хъӕуы – кӕннод дӕм не 'рбахӕстӕг уыдзысты». Бирӕ хъыгтӕ бавзардзӕн фыдлӕг; Хуыцауыл ӕууӕндӕг та хорзӕхтӕй ӕфсӕст у. Райут ӕмӕ цин кӕнут Хуыцауыл, рӕстгӕнджытӕ; зарут фырцинӕй уе 'ппӕт дӕр, рӕстзӕрдӕтӕ. -------------------------------------- Псалом 31. 1Блажен, кому отпущены беззакония, и чьи грехи покрыты! 2Блажен человек, которому Господь не вменит греха, и в чьем духе нет лукавства! 3Когда я...

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0