2028-æм азмæ Цӕгат Ирыстоны фӕзындзӕн ног фысымуӕттӕ ӕмӕ модулон хӕдзӕрттӕ

Аватар автора
Дыууæ мин дыууын æстæм азмæ Цӕгат Ирыстоны туристтæн фӕзындзӕн фондзсӕдӕ ног фæлæууæн бынатӕй фылдӕр. Номырты фонды парахат цӕуы нацпроект «Туризм ӕмӕ уазӕгуарзондзинад»-ы фӕлгӕты. Дыууæ мин дыууын дыккæгæм азæй дыууæ мин дыууын æхсæзæммæ республикæйы фæзынд æхсæз сæдæ æстай дыууæ номыры. Ацы ӕмӕ фидæны аз ӕххӕст кӕнынц фондз проекты модулон фысымуӕттӕ аразынӕн. Рӕвдзамад конструкцитӕ фӕзындзысты Алагиры, Ӕрӕфы ӕмӕ Горӕтгӕрон районты. Уыдон ма арӕзт ӕрцӕудзысты «Мамысоны», Цъӕйы комы ӕмӕ ӕндӕр хӕххон бынæтты. Республикӕйы баулæфын кæй фæнды, уыдоны нымæц рæзы. Ирыстонмæ уазджытӕ цæуынц Уӕрӕсейы, Китайы, Азийы, Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Абхазийы регионтӕй. Инфраструктурӕйы райрӕзт сараздзӕн ног кусӕн бынӕттӕ ӕмӕ ратдзӕн рæзты гæнæнтæ бынӕттон бизнесӕн.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0