Беслӕны сарӕзтой регионты 'хсӕн ерыстӕ аивадон гимнастикӕйӕ

Аватар автора
Обруч хӕрдмӕ тæхы ӕмӕ æмæ тæккæдæр арммæ æрхауы. Гимнасткӕты тренировкӕ — рӕсугъд. Фӕлӕ рогдзинад у дæргъвæтин ӕмӕ уӕззау куысты фæстиуæг. Иу æнæаипп фезмæлдæн дæр мӕйтӕ кӕнӕ азтӕ бахъӕуы. Чызджытӕ архайын райдайынц суанг сӕ сабибонтӕй фӕстӕмӕ. — Гимнастикӕмӕ мӕ ӕрбакодта мӕ мад. Ацы спорт мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд ӕмӕ сфӕнд кодтон баззайын. Софья Струкова 4 азӕй фӕстӕмӕ тренировкӕ кӕны. 9 азы дӕргъы бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр. Йӕ уарзон элемент — аив бӕрзонд гӕпп. Ууыл йӕ зӕрдӕ тынгдӕр фæдары. Уæвгæ, йе скæнын æнцон нæу, аивадон гимнастикӕйы куыд вӕййы, афтӕ. — Иуӕй-иу хатт тӕрсгӕ дӕр фӕкӕнын, фӕлӕ мӕ тасыл фӕуӕлахиз вӕййын. Мӕ нысан ацы ерысты — сыгъдӕг элементтæ. Кӕд мын исты нӕ рауайа, уӕд дарддӕр тренировкӕ кӕндзынӕн.  Архайдмæ кæсы фӕлтӕрдджын жюри. Алы фезмӕлдӕн дӕр ис йӕхи аргъ. Ӕппӕты фылдӕр баллтӕ тӕрхонгæнджытæ дӕттынц зын ӕмӕ сыгъдӕг элементты тыххӕй. Зӕгъӕм, фӕзилӕнимӕ шпагаты агӕпп кӕныны кӕнӕ ӕмуӕзад уромыны тыххӕй. Ноджы ахсджиаг у артистизм. Ӕнкъарӕнтӕ равдисын ӕмӕ рӕсугъд фӕлгонц саразын зонынæн уæлдай аргъ кӕнынц. Программӕйӕн ӕппӕты фылдӕр райсӕн ис 20-ӕй 30 баллы онг. — Сты официалон къӕлиндары егъау регионты 'хсæн ерыстӕ. Уыдон лæууынц ӕппӕтуӕрӕсеонты æмвæзадыл. Архайджытæ бирӕ сты — 700 кӕнӕ суанг 750 адӕймаджы онг. Турнир æрбангом кодта бӕстӕйы 22 регионӕй гимнасткæты — Астраханӕй Чувашимӕ. Ерыстӕ цӕуынц 4 боны. Архайджытӕн сӕ бон у райсын спорты мастеры разряд. Ахӕм егъау мадзал республикӕйы цӕуы фыццаг хатт. — Ӕппӕт архайджытӕн дӕр мӕ зӕрдӕ зӕгъы...

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0