Дзӕуджыхъӕуы схорзӕхджын кодтой республикон ӕркасты уӕлахиздзауты

Аватар автора
Сӕдӕ архайӕджы, дыууын уӕлахиздзауы ӕмӕ ахадгӕ призон фонд. «Иугонд Уæрæсе»-йы штабы хатдзӕгтӕ скодтой фыццаг республикон конкурс «Скъола-хъомылады ӕмӕ сӕрыстырдзинады тыгъдад»-ӕн. Ахуырады министрады экспертон къамис равзӕрста хуыздӕрты дыууæ номинацийы — хистӕр ӕмӕ кӕстӕр кълӕсты ахуыргӕнинӕгты 'хсӕн. Афтӕмӕй ӕхцайы сертификаттӕ ӕмӕ дипломтӕ райстой ссæдз командӕйы, се 'хсӕн байуӕрстой милуан сомы. Проект рауад зæрдæмæдзæугæ ӕмӕ ныр суыдзӕн ӕрвылазон. Сӕйраг хӕс — сфӕлдыстадон фæсивæдæн баххуыс кӕнын ӕмӕ сæ Райгуырӕн бӕстӕйæн аргъ кæнынмæ сразæнгард кæнын.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0