Милдзыхты Вячеслав аргъ скодта сывæллæтты рæвдауæндæтты бындурон цалцæгæн

Аватар автора
Сабитæ æмæ хъомылгæнджытæ куыстæй разыйæ баззадысты. Сывæллæтты 72-æм рæвдауæндон байгом кодтой бындурон цалцæджы фæстæ. Ам баивтой цар, хъармгæнæн системæ, нырыккон домæнтæн ныр дзуапп дæтты хойраджы блок дæр. Цалцæджы хæрзхъæддзинадæн сæрмагондæй аргъ кæны Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав. Профилон æмæ структурон дæлхайæдты разамонджытæй кусæг къорд. Рады — сывæллæтты 88-æм рæвдауæндон. Ам хъомыл кæнынц хъыгдард æнæниздзинадимæ сабитæ дæр. Аразынц сын æппæт æмбæлгæ уавæртæ. Милдзыхты Вячеслав фæнысан кодта, алы сывæллон дæр хъуамæ йæхи æнкъара удæнцой æмæ æдас. Бындурон цалцæг ма цæуы дарддæр цæуы Дзæуджыхъæуы æртæ рæвдауæндоны. 87-æм, 173-æм æмæ 27-æм. Аразджытæ кусынц æмгъуыдмæ гæсгæ, фæлæ, уæддæр горæты разамындмæ фиппайнæгтæ разынд. Скъолайы агъоммæйы ахуырады рæзт — республикæйы разамынды сæйраг нысантæй иу. Æдæппæтæй Цæгат Ирыстоны нацпроект «Бинонтæ»-мæ гæсгæ фæнд кæнынц æхсæз сывæллæтты рæвдауæндоны сцалцæг кæнын.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0