Республикӕйы алы æнхъæлцау сылгоймагӕн дӕр фӕзындзӕн сӕрмагонд ӕххуысгӕнӕг.

Аватар автора
Республикӕйы алы æнхъæлцау сылгоймагӕн дӕр фӕзындзӕн сӕрмагонд ӕххуысгӕнӕг. Уый фидӕны ныййарæгимæ цӕудзӕн ӕппӕт къӕпхӕнты дӕр — хыгъды ӕвӕрдӕй сабийы райгуырды онг. Ногдзинад къухы бафтыд Æнӕниздзинадхъахъхъӕнынады министрад, медицинон фӕдзӕхстады фонд ӕмӕ фӕдзӕхстадон компанийы 'хсӕн ӕртӕфарсон бадзырды фӕрцы. Сылгоймаг рӕстӕмбис кӕнӕ бӕрзонд тӕссагдзиндимæ къордмӕ куы бахауа, уӕд ӕй райсдзысты сӕрмагонд цӕстдардмӕ, йӕ цӕрӕн бынат нӕ хынцгӕйӕ. Хъæугæ æххуыс бакæныны тыххæй йæ арвитдзысты стационармӕ. Сӕйраг нысан — цард фервӕзын кӕнын, ӕнӕниздзинад уӕззау фӕстиуджытӕй бахъахъхъӕнын. Пайдайаг мадзал къухы бафтыд нацпроекттӕ «Бинонтӕ» ӕмӕ «Дӕргъвӕтин ӕмӕ уæнгрог цард»-мӕ гӕсгӕ. Уыимæ, республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйлойы ӕххуысӕй.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0