Поделиться в MAX

Ӕрыдон, Дигора ӕмӕ Елхот систы хӕрзвадаты хуыздӕр проектты Ӕппӕтуӕрӕсеон конкурсы уӕлахиздзаутӕ

Аватар автора
Уыцы-иу рӕстӕг Цӕгат Ирыстоны ӕртӕ цӕрӕн пункты - Ӕрыдон, Дигора ӕмӕ Елхот систы хӕрзвадаты хуыздӕр проектты Ӕппӕтуӕрӕсеон конкурсы уӕлахиздзаутӕ. Ерысы хатдзӕгтӕ скодтой Мӕскуыйы форум «Чысыл горӕтты æмӕ историон цӕрӕнбынӕтты рӕзт»-ы фӕлгӕты. Проекттӕ ӕххӕст кӕнынӕн республикӕ федералон бюджетӕй райсдзӕн дыууæ сæдæ цыппор милуан сомӕй фылдӕр, куыстытӕ райдайын фӕнд кӕнынц фидæны аз. Ӕрыдоны рацараздзысты центрон парк тезгъогӕнӕн зонӕтӕ, сывӕллӕтты горӕт, кафӕн ӕмӕ спортивон фӕзуӕтты амфитеатр. Дигорайы срӕвдз кӕндзысты Тогойты Даниилы уынджы бынат: ам фӕзындзӕн фæлладуадзæн бынӕттӕ. Елхоты ӕххӕст кӕнынц проект «Елхот. Фидыды территори», ис дзы футболон фæз, спортивон зонæтæ ӕмӕ парк. Документтыл бакуыста Цæгат Ирыстоны территориты комплексон рӕзты институты-дирекцийы командӕ, арӕзт ӕрцыд республикӕйы арӕзтады регионалон министрады цур.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0