Поделиться в MAX

Бӕстӕйы алы регионтӕй 130 шахматистӕй фылдӕр ӕрбамбырд сты турнирмӕ Дзӕуджыхъӕумӕ

Аватар автора
Дзӕуджыхъӕуы уыд ӕппӕтуӕрӕсеон турнир шахмæттæй. Ерыстӕ ацыдысты Сывӕллӕтты сфӕлдыстады республикон галуаны. Турнирмӕ ӕрбамбырд сæдæ æртын адæймагæй фылдӕр Уӕрӕсейы алы регионтӕй. Се 'хсæн — скъоладзаутӕ ӕмӕ ветерантӕ. Ӕппӕты ӕрыгондӕр архайæгыл цыппæрдæс азы нӕма цӕуы, ӕппӕты хистӕрыл та — æхсай азӕй фылдӕр. Шахмӕттӕй хъазджытӕ ерыс кодтой тагъд шахмӕтты. Иумӕйаг призон фонд — æртæ сæдæ мин сомы. Турнирæй ссардтой зындгонд гроссмейстер Николай Новогрудскийы ном. Уый æртын азӕй фылдӕр фӕкуыста Сфӕлдыстады галуаны ӕмӕ схъомыл кодта бирӕ чемпионтӕ.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0