Иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕн дӕттыны сӕйраг рӕстӕг райдыдта

Аватар автора
Иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕн дӕттыны сӕйраг рӕстӕг райдыдта. Абон республикӕйы 2,5 мин рауагъдонӕй фылдӕр фӕлварӕнтӕ цæуынц ӕртӕ предметӕй. Химийӕ экзамен равзӕрстой 1200 æнахъомæй фылдӕр, иу уыйбæрцæй та иумæйаг паддзахадон фæлварæн историйæ. Дыууӕ фӕлварӕны дӕр ахӕсдзысты 3,5 сахаты. Литературӕ афтæ дзыллон нӕ рауад — дӕттынц ӕй 150 адӕймагӕй фылдӕр, фӕлӕ экзамен цӕудзӕн чысыл фылдӕр — 3 сахаты ӕмӕ 55 минуты. Ӕдӕппӕтӕй сӕйраг рæстæджы архайы 4 мин адӕймагæй фылдæр. Уыдонимӕ 40 ахуырдзауы онг Хуссар Ирыстонӕй , ивгъуыд азты рауагъдонтӕ, колледжты студенттӕ. Фӕлварӕн дæттыны пункт байгом кодтой Дзӕуджыхъӕуы лицейы дӕр. Хими дзы фыссы 161 адӕймаджы. Ахуырадон кусæндоны арæзт æрцыдысты æппæт хъӕугӕ уавӕртӕ иумæйаг паддзахадон фæлварæн скæнынæн.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0