Хæххон паддзахадон аграрон университеты цæуы демонстрацион экзамен

Аватар автора
Инъекци аразгæ хуызы цырын кæны мыггаг. Хуымæтæг ныхасæй сын сæ райрæзт фæтагъддæр кæны. Анастасия Белякова сфæнд кодта доны биоæвæрæнты æмæ аквакультурæйы мастерыл сахуыр кæнын, уымæн æмæ бæллы кæсаджы хи хæдзарадмæ. Чызджы уырны, республикæйы здæхтæн фидæн кæй ис, уый. Фæлæ хъуыддаг байгом кæныны размæ фæлварæн хъæуы æнтыстджынæй раттын. Ныртæккæ студенттæ дæттынц профилон æмвæзад. Цыппар сахатмæ хъуамæ сæххæст кæной 4 модулы. Равдисын, еугæф куыд исын хъæуы, хæрын, æвзарын æмæ дзæбæх кæнын кæсæгтæ, кусæнгæрзтæй ифтонгад æмæ сæ раст пайдакæнынад равдисын. Фæлæ фыццаджыдæр кæсаг бассейны рацахсын æмæ йæ гвоздикæйы сойимæ доны нывæрын. Уый сын у анастезийы хуызæн. Цалдæр секунды фæстæ кæсаг бафынæй вæййы, ницы банкъары æмæ змæлгæ дæр нæ фæкæны, афтæмæй скæнынц æппæт хъæугæ процедурæтæ. Доны биоресурсты æмæ аквакультурæйы мастеры здæхт Хæххон паддзахадон аграрон университеты кусы дыккаг аз. Программæ арæзт у 10 мæйы æмгъуыдмæ. Уæлдæр ахуырад та ацы здæхтæй райсæн ис Хæххон паддзахадон аграрон университеты. Ам ис бакалавриат, магистратурæ æмæ суанг аспирантурæ дæр. 60-æм азты университеты уыдис ахæм факультеттæ. Сæ бындурыл сын сарæзтой ног цæттæгæнæн программæтæ. Демоэкзамены рæстæг алы рауагъдонмæ дæр йæ цæст дары эксперт æмæ йын бæлвырд бæрæггæнæнтæм гæсгæ аргъ кæны. Ацы аз здæхтмæ гæсгæ уадзынц 10 адæймаджы. Алы исæн кампаниимæ дæр ацы ахуырад райсын кæй фæнды, уыдоны нымæц рæзы, зæгъынц ахуыргæнджытæ. Фидæны кæсагдарджытæн дæсныйад æххуыс у зонындзинæдтæ райсынæн æмæ...

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0