Адæмон кафты дæнцæгæн хæссинаг ансамбль «Фидæн»-æн уыд концерт

Аватар автора
Ирон музыкæйы уарзон æмæ зонгæ зæлтæ æмæ сценæмæ ракъахдзæф кодтой уæздан чызджытæ æмæ сахъ лæппутæ. Сæ къухты æмæ къæхты аив змæлдимæ цæстытыл ауайынц рагон царды нывтæ, ирон адæмы хъæздыг культурæ. Ацы нысан фыццаджыдæр æхæст кæныц æрыгон кафджытæ сæ разамонæджы амынддзинадмæ гæсгæ. Ныр къорд азты дæргъы ансмабль «Фидæны « сæргъы лæууы Уæрæсейы культурæйы сгуыхт кусæг, Тагаты Аркадий. Фæсивæдæн у фæндагамонæг, зæгъы ансамблы хореограф Годжысаты Аслæнбег. Ансамбль «Фидæн» йæ равзæрды 10 азмæ ныр фыццаг хатт радта сæрмагонд концерт. Æвзонг кафджытæ равдыстмæ сæхи цæттæ кодтой зæрдиагæй, фæндыдис сæ канд сæ арæхстдзинад нæ, фæлæма нæ фыдæлты раг æгъдæуттæ адæмы размæ рахæссын. Ансамбыл разамынд æмæ хорегрæфтæ артисттæй сты сæрыстыр. Уырны сæ цы стыр хæс æвæрд сыл ис, уый æнтыстджынæй кæй æххæст кæнынц. Алы репетици дæр хъуамæ уа куыд чысыл концерт, зæгъынц разамонджытæ. Æрмæст уæд ис бæрзонд æмвæзадмæ схизæн. Уый амонынц кæстæртæн. Фæнды цæмæй алы саби дæр йæхи æцæг артистæй банкъара. Ансамблы уæнг Джиоты Ланæ ныр 7 азы цæуы кафджытæм. Концерты архайы дыууæ номыры. Концертмæ бацæттæ кодтой 15 сфæлдыстадон номыры. Алы кафтæн дæр ис хи уддзæф, цы адæмы хатт æвдисы, уый ирддæр миниуджытæ. Уæдæ уæлдай хæс æвæрд ис ансамблы оркестрыл дæр. Къорды ис бирæ æрыгон фæсивæд. Сæ сæргъы - Томайты Алыксандр. Симд æмæ Хонгæ, чызджыты кафт, Кæсгон, Абхазаг, Дагестайнаг, Цæцæйнаг, Аджайраг æмæ æндæр адæмы хæттыты кæфтытæ. Хъæздыг у ансамблы репертуар. Уæвгæ, къордæн бындур æвæрд æрцыд...

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0