Дзанайты Барис амыдта бюджетон къамисы ӕмбырд

Аватар автора
Дзанайты Барис амыдта бюджетон къамисы ӕмбырд. Архайджытӕ ӕрныхас кодтой, республикӕйы финансон уавӕр куыд фӕхуыздӕр кӕнын хъӕуы, ууыл. Пълан арӕзт у дыууæ мин дыууын æхсæзæм - дыууæ мин дыууын фарæстæм азтӕн. Хицауад æй аивдзысты ӕмӕ сног кӕндзысты. Ӕмбырды архайдтой вице-премьертӕ Александр Реутов ӕмӕ Икъаты Руслабег. Ноджы ма — Парламенты дзуапдæттæг комитеты сӕрдар Хӕдарцаты Аслӕнбег ӕмӕ финансты министры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Оксана Карова. Семæ — иннæ министрадты разамонджытӕ дæр. Дзанайты Барис куыд загъта, афтӕмӕй регионы бюджет у социалон къабазмæ здӕхт. Йæ фæрцы хъуамӕ регион рӕза. Премьер-министры ныхæстæм гæсгæ, республикӕйы хъæуы хи ӕфтиӕгтӕ фӕфылдӕр кæнын. Дарддæр министрадтӕ ратдзысты ног бӕрӕггӕнӕнтӕ. Уыдон бацӕттӕ кӕндзысты хӕрдзты тыххӕй хыгъдлӕвӕрдтӕ ӕмӕ мадзæлттæ бацамондзысты бюджеты ӕфтиӕгты рӕзтӕн.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0