Атарты Георгий бабæрæг кодта Алагиры районы социалон объекттæ

Аватар автора
Хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Атарты Георгий бабæрæг кодта Алагиры районы бындурон цалцæг цы объектты цæуы, уыдон. Алагиры сывӕллӕтты спортивон скъолайы уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй, дзюдойӕ, аивадон гимнастикӕйӕ, футболӕй архайынц авд сæдæ сывӕллонӕй фылдӕр. Аразджытӕ бындуронӕй сцалцӕг кӕндзысты къултӕ ӕмӕ пъолтӕ, баивдзысты рудзгуытӕ ӕмӕ дуӕрттӕ, рацараздзысты инженерон коммуникацитӕ. Мидӕгӕй фӕзындзӕн ног спортзалтӕ. Атарты Георгий аныхас кодта спорткомплексы директор Цогойты Асланимӕ. Уый фӕстӕ, фыццаг вице-премьер бабӕрӕг кодта скъола-интернат, уым уалдзӕджы райдианӕй куыстытӕ сæ тæмæны бацыдысты. Ноджы ма иу объект — Суададжы скъола. Ӕппӕт кусæндæттæ дӕр хъуамӕ цӕттӕ уой ацы азы кӕронмӕ. Атарты Георгий фӕзты уӕлдай æргом аздæхта арӕзтадон куыстыты хӕрзхъӕддзинадмӕ, проектон документацийы аккаг уавæрмæ ӕмӕ нысангонд ӕмгъуыдтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0