Абон Цӕгат Ирыстоны пысылмӕттӕ бӕрӕг кӕнынц сӕйрагдӕр бӕрӕгбӕттӕй иу – Хъуырбан-байрам

Аватар автора
Абон Цӕгат Ирыстоны пысылмӕттӕ бӕрӕг кӕнынц сӕйрагдӕр бӕрӕгбӕттӕй иу – Хъуырбан-байрам. Бӕрӕгбоны фӕдыл сын раарфӕ кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло. Бафиппадта, ацы бон арф монон мидис кæй хæссы. Зӕрдыл лӕууын кӕны хӕрзаудӕн, сыгъдӕгдзинад, хионӕн аргъ кӕнын ӕмӕ хорздзинӕдтӕ аразынмӕ цӕттӕдзинад. Бӕрӕгбоны райсом республикӕйы райдыдта мӕзджытты иумæйаг куывдтытӕй. Регионы разамонӕджы зæрдæ загъта уырнон адæмæн се 'ппӕтӕн дӕр фидар ӕнӕниздзинад, зӕрдӕйы ӕнцойдзинад ӕмӕ амонд. «Алы хӕдзары дӕр кӕддӕриддӕр уæд сабырдзинад, уарзондзинад ӕмӕ фарн», — загъта Сергей Меняйло.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0