Хӕххон паддзахадон аграрон университеты 100 студенты ныффыстой агродиктант

Аватар автора
Цӕгат Ирыстоны арæзт æрцыд Ӕппӕтуӕрӕсеон агродиктант. Мадзалы сӕйраг фӕз сси Хӕххон паддзахадон аграрон университет. Ахуырадон проекты архайдтой уæлдæр ахуыргæнæндоны сæдæ студентӕй фылдӕр. Цыппор минутмӕ дзуапп радтой тесты æртын фарстæн. Аграрон диктант парти «Иугонд Уӕрӕсе»-йы проект «Уӕрӕсейаг хъӕу»-ы фӕлгӕты ныр дыккаг хатт цæуы. Здӕхт у агропромышленнон къабазы зонындзинӕдты ӕмвӕзад фӕбӕрзонддӕр кӕнынмӕ. Акци ацӕудзӕн æртынæм маймӕ ӕмӕ аххӕсдзӕн регионы æртæ мин цӕрӕгыл. Æппæт районты арӕзт ӕрцыд цыппор фондз фӕзы. Бацархайыны тыххæй хъæуы агродиктант.рф. платформæйы регистраци скæнын.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0