Дзæуджыхъæуы тæрккъæвдаты фæстæ хицæн районты хæдзартты кæртытæ æмæ уынгтæ доны бын фесты

Аватар автора
Керменистты уынджы 16-æм бирæуæладзыгон хæдзары кæртмæ къæвдайы рæстæг бахауын зын у. Фæндагыл фæзыны стыр кул. Æмæ кæд шофыртæн сæ бон у исты хуызы кæртмæ бацæуын, уæд фистæгæй цæуджытæн та бирæ зындæр у. Ныртæккæ доны æмвæзад гыццыл æрхауд. Къæвдаты рæстæг æмæ сæ фæстæ бацæуæн вæййы мæнæ ахæм уавæры. Ацы кадрты къæвда æрæмбæрзта фæндаг æмæ суанг тротуартæ дæр. Хæдзармæ хусæй бахæццæ уæвæн нæй. Ацы уынджы алы бинонтæм дæр разындзæн резинæ цырыхъхъытæ. Бынæттон цæрджытæ стыр цъымара схуыдтой цад. Сæ ныхæстæм гæсгæ, ацы фарста фæзынд æппынкъаддæр дæс азы размæ. Дондзæуæнтæ дзы уыд, фæлæ цæмæдæр гæсгæ сæ хъомыс не ххæст кодтой. Фæстаг азты та уавæр февзæрдæр. Аххосаг бæлвырдгонд нæу. Иутæ дзурынц, зæгъгæ, системæ у æхгæд, иннæты та уырны, быронæй кæй байдзаг, уый. Фæлæ цыфæнды аххосаг ма уа, уæддæр ныртæккæ сæйрагдæр у йæ сраст кæнын. Ахæм фарста сæвзæрд Куйбышевы уынджы 95-æм хæдзары дæр. Ам кæрт доны бын фæцис. Къæвдайы фæстæ дæр нæ къаддæр кæны. Æппæты кæстæр цæрджытæ нæ маст кæнынц, доныл æхсызгон равдыст саразынц. Ацы хæдзæрттæ æрбынат кодтой ног микрорайонты. Водоканалы специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй фарстаты сæйраг аххосаг у проектты рæдыдтытæ. Цæрæнуæттæ арæзт æрцыдысты æнæ дондзæуæн ситемæйæ. Зæгъæм, уыдон сты Курсантты-Кировонты, Хольцманы æмæ Ног Горæты уынгтæ. Уым къæвдайы къанæуттæ уæвгæ дæр нæй. Фæстаг дыууæ къуырийы республикæйы къæвдатæ, зæгъæн ис, æмæ æнæрлæугæйæ цыдысты. Зноны тыхджын къæвдайы рæстæг дæсгай уынгтæ донæй байдзаг сты, фæкъуылымпы...

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0