Козаты Зелимхан сси Цӕгат Ирыстоны паддзахадон базарадон-экономикон колледжы проекты хъайтар

Аватар автора
Цӕгат Ирыстоны сгуыхт артист, Уӕрӕсейы адӕмон артист, «Ирыстоны намысæн» майданы хицау. Паддзахадон ансамбль «Алан»-ы аивадон разамонӕг Козаты Зелимхан сси проект «История в лицах»-ы хъайтар. Цӕгат Ирыстоны базарадон-экономикон техникумы йæ æххæст кæнынц ныр фондз азы дӕргъы. Ирд концерт бабӕрӕг кодтой зындгонд кафӕджы хӕлӕрттӕ ӕмӕ ӕмкусджытӕ. Артистæн дыууæ мин дыууын æхсæзæм юбилейон у. Ноябры Зелимханыл сӕххӕст уыдзӕн æвдай фондз азы. Сценӕйыл — зындгонд кафджыты къордтӕ ӕмӕ артисттӕ. Уымӕй уӕлдай мадзалы уыд видеоролик «Бӕллицмӕ фӕндаг» ӕмӕ къамты равдыст. Козаты Зелимханы тыххӕй цымыдисаг æрмæг æрæмбырд кодтой колледжы бархион студенттæ.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0