Беслæны цæуы скъоладзауты æппæтуæрæсеон президентон спортивон хъæзтыты финал

Аватар автора
Капитан Гæджиты Хетӕг йӕ командӕйы разӕнгард кӕны Президенты хъӕзтыты кӕронбӕттӕны размӕ. Фæсивæды уырны, уӕлахизӕн сын ӕппӕт фадӕттӕ дӕр кӕй ис, уый. Уӕлдайдӕр, ерыстӕ цӕуынц сӕхимӕ, Беслӕны. Хи хæдзары та къултӕ дæр ӕххуыс сты. Ныхмӕлӕуджытӕ трибунӕтӕй лӕмбынӕг кӕсынц ерысгӕнджытӕм. Æвзарынц сын сæ архайд, тыхджын ӕмӕ лӕмӕгъ æууæлтæ. Фыццаг бон хъазыдысты лæппутæ æмæ чызджыты командӕтӕ волейболӕй ӕмӕ баскетболӕй. Кӕронбӕттӕнмӕ рацыдысты Алагиры фӕсивӕд дӕр. Бекъойты Аннӕ 7 азы профессионалон ӕгъдауӕй архайы футболӕй, фӕлӕ ныртӕккӕ сфӕнд кодта йӕхи ӕндӕр спорты хуызы бафӕлварын. Президенты æппæтуæрæсеон 16-æм спортивон хъӕзтытӕ скъоладзаутӕн. Ацы аз архайджытӕ сты 7 минӕй фылдӕр, ӕнӕхъӕн республикӕйӕ. Кӕронбӕттӕнмӕ рацыдысты муниципалон къӕпхӕнты 70 уӕлахиздзауы.3 боны фӕсивӕд тох кӕндзысты баскетбол, волейбол, стъолыл теннис, рог атлетикӕ ӕмӕ мини-футболы уӕлахизыл. Хатдзӕгтӕ ныр тагъд скӕндзысты. Сентябры та уӕлахиздзаутӕ Цӕгат Ирыстоны номӕй архайдзысты Ӕппӕтуӕрӕсеон къæпхæны Анапӕйы. Сывӕллӕтты центр «Сменӕ» суазӕг кӕндзӕн мингай сывæллæтты ӕппӕт бӕстӕйӕ. Президенты хъӕзтытӕ ӕххуыс кӕнынц скъоладзаутӕн спорты алы хуызты сӕхи бафӕлварын, ног хӕлӕрттӕ ссарын ӕмӕ сӕрдыгон каникулты размӕ ӕнӕферохгӕнгӕ æнкъарæнтæ райсынӕн.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0