Хъамболты Мараты снысан кодтой хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдӕй

Аватар автора
Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ сразы сты Хъамболты Мараты кандидатурӕимæ хицауады сӕрдары бынатмӕ. Сӕйраг фарстатæй иу министрты кабинеты сæргълæууæг нымайы демографион уавæр. Сӕйрагдӕр ма сты ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынад ӕмӕ ахуырад. Экономикӕйы рӕзтыл дзургӕйӕ, Хъамболы-фырт фӕнысан кодта, ахсджиаг кӕй у аграрон къабазы, туризмы, чысыл ӕмӕ рӕстӕмбис бизнесы, IT-къабазæн æххуыс. Премьер уӕлдай ӕргом аздӕхта Уӕрӕсейы Федерациимӕ хæлар ахастдзинӕдтӕм ӕмӕ ӕхсӕнады иудзинад фидар кӕнынмӕ.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0