Мӕскуыйы уыд парти «Иугонд Уæрæсе»-йы 23-ӕм съезд

Аватар автора
Мӕскуыйы уыд парти «Иугонд Уæрæсе»-йы 23-ӕм съезд. Йæ архайджытӕ сфидар кодтой Паддзахадон Думӕмӕ ӕвзӕрстытӕм кандидатты номхыгъд. Кампани ацӕудзæн фӕззӕджы. Мадзалы архайдта Цӕгат Ирыстоны делегаци дæр. Йæ сӕргъы — регионы разамонæг Сергей Меняйло. Съезды размӕ регионы уыд рагагъоммӕйы æвзæрстытæ. Сæ хатдзӕгтӕм гӕсгӕ раззагдӕртӕ систы Мӕхъиты Зураб ӕмӕ Таймазты Артур — Паддзахадон Думӕйы ныры депутаттӕ. Дыууӕ кандидаты дӕр хаст æрцыдысты партийы сӕйраг федералон номхыгъдмӕ. Съезды уыдысты регионты разамонджытӕ, Хицауады уӕнгтӕ ӕмӕ сенатортӕ. Мадзаларазджытæ ӕрбахуыдтой «Иугонд Уæрæсейы» ветеранты дæр — сæ фæлтæрддзинад 20 азæй фылдæр кæмæн у, уыдоны. Ацы аз партийыл æххæст кӕны 25 азы.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0