«Тæвдтуг» чындзхæсджытæ æмæ культурæйы кусджыты æнтыст I Йæ рæстæгыл

Аватар автора
Ацы хатт не `ргом аздæхтам, чындзхæссæг чи ацæуы æмæ фæндæгтыл йæхи æнæгъдауæй чи `вдисы, уыдонмæ. Цы йæ `мбæхсæм, алчи дæр нæ ахæм нывтæ федта. Сæ фæстæ кæсгæйæ баззайы адæймаг, хинымæры ахъуыды кæны, раст не сты, зæгъгæ, æмæ хъуыддаг ууыл ахицæн вæййы. Фæлæ уыцы «тæвдтуг» чындзхæсджыты æнæрхъуыды митæ иуæй-иу хатт асайынц фыдбылызтæм. Цы нæ бакæнын хъæуы, цæмæй циндзинадæй зындзинад ма рауайа? Уый æвзарæм нæ студийы уазджытимæ. Нæ равдысты дыккаг хайы та дзырдтам культурæйы кусджыты сгуыхтдзинæдтыл. Сбæрæг сты, цы сфæлдыстадон ерыс сын сарæзтой, уый бæрæггæнæнтæ. Алкæмæ дæр дзы æрхауд хæрзиуджытæ. Уыцы фадат сын фæци, паддзахадон программæ «Культурæйы райрæзт»-ы архайджытæ кæй уыдысты, уый руаджы. Чи фесгуыхт, уыдонæй цалдæрæн фестæм сæ фысымтæ. Не `хсæн цы хъæрмуд ныхас рауад, уый сымахæн дæр æвдисæм.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0