Командӕ «Ирыстон» Сочийы турниры рамбылдта ӕвзист

Аватар автора
Уды фидардзинад, уӕлахизмӕ тырнындзинад ӕмӕ спортмӕ уарзондзинад. Бæрзонд бæрæггæнæнты æртæ цæджындзы. Дамир Серикбаевæн старт райдыдта декабры. Уӕд лӕппу фыццаг хатт йӕ тыхтӕ бафæлвæрдта адаптивон футболы. Цалдӕр мӕйы фӕстӕта йæ фæхуыдтой фыццаг турнирмӕ Сочимæ. «Сириус»-ы лӕппутӕ иу матч дӕр нӕ фæхæрд сты - цалдӕр уӕлахизы, дыууӕ хӕрӕгсаст, фӕлӕ цы голтӕ бакъуырдтой, уыдоны бæрæггæнæнтæм гӕсгӕ - ӕвзист. Сыгъзӕрин фæцис Уӕрӕсейы Чемпионты - Барнаулы. «Ирыстон»- ы дуаргæс уыд Виктор Яковлев. Турниры йӕ тыхтыл нæ бацауæрста. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уӕлахизтӕ йын ахсджиаг сты, фӕлӕ сӕйрагдӕр у командӕ. Футболисттæ уал азмæ систы бинонтæ. Алы спорты хуызы дӕр тренер ахсы стыр бынат. Афтӕ ам дӕр Хуыгаты Джамал, зӕгъӕн ис, ӕмӕ цӕры футболӕй. Фæзы командӕимӕ вæййы къуыри 3 хатты. Хатгай лӕппутимӕ йӕхӕдӕг дӕр фӕхъазы. Зӕгъы «Æппӕты ахсджиагдæр - дисциплинӕ». Ныртӕккӕ лӕппутӕ ацыдысты Уӕрӕсейы чемпионатмӕ Самарӕмӕ. Фыццаг къæпхæны сӕ рамбулын хъӕуы 7 командӕйы. «Ирыстон» хæрд кæнынмæ нæ хъавы. Алы къахдзӕф дӕр къухтыл ӕнцойгӕнгӕйӕ кӕм фӕкӕнынц, уым дыккаг бынат у ӕрмӕстдӕр чемпионатмӕ трамплин. Хъуылаты Аленæ, Артур Сулоев. Такъоты Георгий

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0