Цыппар миллиард аст сæдæ милуан сомы ӕрвыст ӕрцыд Цӕгат Ирыстоны нацпроекттæ æххæст кæнынæн

Аватар автора
Афæдзы æмбисы хатдзæгтæм гæсгæ цыппар миллиард аст сæдæ милуан сомы ӕрвыст ӕрцыд Цӕгат Ирыстоны нацпроекттæ æххæст кæнынæн. Ахӕм бӕрӕггӕнӕнтӕ фæбæрæг кодта Сергей Меняйло. Фӕрӕзтӕ цӕуынц скъолатӕ ӕмӕ сывæллæтты рӕвдауӕндӕттӕ аразынмӕ ӕмӕ цалцӕг кӕнынмӕ, рынчындӕттӕ ӕмӕ поликлиникӕтӕ сног кӕнынмӕ, нырыккон медицинон кусӕнгӕрзтӕ ӕлхӕнынмӕ, фӕндӕгтӕ цалцӕг кӕнынмӕ, цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады объекттӕм, ӕхсӕнадон бынæттæ æнцонвадат кӕнынмӕ. «Уый у, цӕрджытӕ алы бон дӕр цы куысты хатдзæгтæ уынынц, уый. Афӕдзы кӕронмӕ ма бирæ саразын хъӕуы. Сӕйрагдӕр махӕн у пълангонд куыстытӕ иууылдӕр ӕмгъуыдмӕ ӕмӕ хӕрзхъӕд хуызы сӕххӕст кӕнын»,- фӕнысан кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0