РЦИ-Аланийы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло раарфӕ кодта Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы архайджытӕн

Аватар автора
Абон Уӕрӕсейы бӕрӕг кӕнынц хӕстон архайды ветеранты бон. Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджытæн раарфӕ кодта Сергей Меняйло. Куыд бафиппайдта, афтӕмӕй ацы бонæн ис сӕрмагонд мидис. Республикӕйы сӕргълӕууӕг йӕхӕдӕг ацыд службӕ ӕмӕ зоны, хӕстон ӕфсымӕрдзинад цы у, уый. Сергей Меняйло фæнысан кодта: Ирыстон кӕддӕриддӕр сӕрыстыр уыд йӕ хъӕбатыр хӕстонтӕй. Абон нæ фæсивæд дарддӕр хъахъхъӕнынц бӕстӕ сӕрмагонд æфсæддон операцийы бынаты. Цӕмӕй ветерантӕ ӕххуыс исой ӕппынӕдзух, уый тыххӕй регионы сарӕзтой ӕххӕстгӕнӕг хицауады ног оргӕн. Уый у хӕстон архайды ветеранты ӕмӕ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты хъуыддӕгты комитет. Ног бæрнады хæс — тагъд ӕмӕ хӕрзхъӕд ӕххуыс. «Бузныг уæ фӕразондзинад æмæ лæгдзинды тыххӕй. Фидар ӕнӕниздзинад ӕмӕ амонд зæгъы мæ зæрдæ сымахӕн ӕмӕ уӕ бинонтӕн», — бафтыдта регионы разамонæг. Абон — сӕрмагондӕй мӕнӕн егъау мидисӕй дзаг чи у, уыцы датӕ — хӕстон архайды ветеранты бон. Ацы бон мах дзурӕм бузныг, алы азты хӕстон хӕстӕ чи ӕххӕст кодта, нӕ бӕстӕ, адӕмы, Уӕрӕсейы интерестӕ чи хъахъхъӕдта, уыдонӕн. Ирыстон кӕддӕриддӕр кадджын уыд тыхджын ӕмӕ хъæбатыр адӕймӕгтӕй. Мах сӕрыстыр стӕм нӕ ветерантӕй, нӕ хӕстонтӕй. Уыдон абон дӕр ӕххӕст кӕнынц хӕстӕ сӕрмагонд æфсæддон операцийы бынаты. Ӕз хорз зонын, ӕфсӕддон службӕ, хӕстон ӕфсымӕрдзинад ӕмӕ ӕмбӕлтты бӕрны цæуын цы сты, уый. Зонын, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй ветерантӕн канд бæрæгбонты ма кæной æххуыс æмæ кад. Уымӕ гӕсгӕ Хӕстон архайды ветеранты ӕмӕ сӕрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты хъуыддӕгты фӕдыл комитет...

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0