Ӕрыдоны спорткомплексы бӕстыхайы арӕзт ӕрцыдысты зынгсирвæзты ныхмæ тактикон ахуыртæ

Аватар автора
Ӕрыдоны спорткомплексы бӕстыхайы арӕзт ӕрцыдысты зынгсирвæзты ныхмæ тактикон ахуыртæ. Ирвæзынгæнджытæ бакуыстой сӕйраг лыстæгдзинæдтыл: адӕмы фервӕзын кӕнынӕй ӕмӕ зынгсирвӕзт аиуварс кӕнынӕй объекты администрациимӕ æмархайды онг. Æрымысгæ цаумæ гӕсгӕ, зынгсирвæзт æрцыд фыццаг уӕладзыджы, боксерты залы. Фӕдисы сигнал ӕнӕнхъӕлӕджы уыд кусджытӕ ӕмӕ ӕвзонг спортсментӕн. Фӕлӕ бӕлвырд куысты фӕрцы адӕмы ӕвӕстиатӕй ракодтой æдас ранмæ. Хъусынгæнинаг райсыны фæстæ зынгхуыссынгæнджытæ уайтагъд балæууыдысты бынаты. Цалдæр адæймагæн сæ бон уæллаг уæладзгуытæй æрхизын сæ бон нæ бацис. Куыстмӕ бавнӕлдтой сæрмагонд службæйы уæнгтæ. Алы дӕлхайад дӕр архайдта йӕ уаццаджы, йӕ размӕ ӕвӕрд хӕстӕ ӕххӕст кодта уавӕр хынцгӕйӕ.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0