Дзӕуджыхъӕуы аразынц нырыккон хӕдзар-интернат ацӕргӕ адӕм ӕмӕ инвалидтӕн

Аватар автора
Стыр бæстыхай арӕзт у 6 блокӕй. Ам цӕрын сӕ бон бауыдзӕн 200 адӕймагæн. Бындур, къултӕ, цӕджындзтӕ, цар ӕмӕ пъолтӕ цӕттӕ сты. Ныртӕккӕ ӕвӕрынц мидӕггаг системӕтӕ, ӕддейӕ та аразынц хӕтӕлтӕ ӕмӕ телтæ. Арӕзтад цӕуы тагъд. «Ныртӕккӕ цӕуы аивгæнæн куыстытæ, стæй ӕвӕрд цӕуынц мидӕггаг системӕтӕ ӕмӕ ӕддаг коммуникацитӕ. Кусджытӕ ма æддаг къул агуыридурӕй æмбӕрзынц ӕмӕ бӕстыхай хӕрзвадат кӕнын райдайдзыстæм. Баззад ма нын кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын лифтты монтаж. Уӕлдай ӕргом здахынц, йе 'нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыдоны уӕттӕм. Ацӕргӕ адӕмӕн хӕдзар-интернаты кӕнынц сӕрмагонд ваннӕтӕ, пандустӕ ӕмӕ лифттӕ. Санитарон агъуыстыты фесты плиткӕ ӕвӕрд, стӕй хъармгӕнӕн, донӕввонгады ӕмӕ дониуварсы системӕты монтаж. 4 специализацигонд агъуысты ӕххӕстӕй сифтонг кӕндзысты цӕуын чи нӕ фӕразы, уыдонæн. Ам алцыдӕр уыдзӕн удӕнцой цард ӕмӕ фӕллад уадзынӕн. Бӕстыхайы байгом кӕндзысты медицинон кабинеттӕ, хӕрӕндон, спортивон залтӕ ӕмӕ дуканитӕ.» - ГЕРГИТЫ ГЕРМӔН «Арӕзтад цӕуы 2024 азы мартъийӕ. Ныртӕккӕ ницы зындзинæдтæ ис, ӕппӕт фарстатӕ дӕр иуварсгонд ӕрцыдысты. Нӕ зӕрды ис куыстытӕ фӕуын 2027 азы августы.» - ГЕРГИТЫ ГЕРМӔН  Алы бон дӕр арӕзтады кусы 90 адӕймаджы бӕрц. Бӕстыхайы ма скӕндзысты парк бандӕттӕ ӕмӕ тезгъогӕнӕн къахвæндæгтимæ. Ам сараздзысты ӕппӕт фадӕттӕ дӕр удӕнцой цардӕн.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0