Сгуыхт ахуыргæнæг челдыты Мæдинæ 30 азæй фылдæр скъоладзаутæн амоны ирон æвзаг æмæ литературæ

Аватар автора
Ахуыргæнæджы бæсты — скъоладзау. Челдыты Мæдинæйы урокты хатгай афтæ дæр вæййы. «Æмгар æмгары ахуыр кæны», зæгъгæ, метод æнæкъуылымпыйæ кусы. Ныртæккæ æхсæзæмкъласонтæ фыссынц дзырдуатон диктант æмæ æвзарынц зын темæ — мивдисæджы здæхæнтæ. Æрмæг хуыздæр бафидар кæныны тыххæй сывæллæттæ сæхæдæг аразынц тематикон филвордтæ. Мæдинæ бæлвырд зоны: æвзаг ахуыр кæнгæйæ хус теорийæ пайда нæй. Интерактивон проекттæ — урокты ноджы иу хицæндзинад. Экраныл кæрæдзи ивынц сырдтæ æмæ зайæгойтæ, къласы хӕс та — уайтагъд сæ нæмттæ дыууæ æвзагыл зæгъын. Мæдинæ ахуыргæнæгæй кусы 30 азæй фылдæр. Дæсныйад равзарыны хъуыддаг рагацау бæрæг уыд: бинонты цыппар хойы ис, се ’ппæт дæр сты ахуыргæнджытæ. Фæлæ Мæдинӕ йӕхӕдӕг царды хъуыддагӕн равзӕрста йӕ мадӕлон дзырдаивад. Црауы скъола стыр нæу, ахуыр дзы кæны 120 сывæллонæй чысыл фылдæр. Ӕмӕ Челдыты Мӕдинӕ у ирон ӕвзаг æмæ литературæйы иунӕг ахуыргӕнӕг ӕппӕт кълӕстӕн дӕр. Куысты уæз егъау у, фæлæ педагогы хъару фаг кæны æндæр хъуыддæгтæн дæр. Æртындæс азы размæ скъолайы сырæзын кодта ирон культурæ æмæ цардыуаджы музей. Фыццаг экспонаттӕ агуырдта йӕхӕдӕг, фӕстӕдӕр та рагон мигӕнӕнтӕ хӕссын райдыдтой ӕгас хъӕуы цӕрджытӕ. Ам, рагон дзауматæ æмæ кавказаг дарæсты ’хсæн, гуыры æцæг сфæлдыстад. Республикæйы сгуыхт ахуыргæнæджы хъомылгæнинæгтæ канд фысджыты уацмыстæ нæ ахуыр кæнынц — сæхæдæг фыссынц аргъæуттæ æмæ æмдзæвгæтæ мадæлон æвзагыл. Бирӕ азты ӕнувыд фӕллойы тыххӕй Челдыты Мӕдинӕйӕн лӕвӕрд ӕрцыд сгуыхт ахуыргӕнӕджы бӕрзонд ном. Ноджыдæр хауы...

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0