Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты уыд граждайнаг форум

Аватар автора
Истори бахъахъхъæныныл æмæ фæлтæрты 'хсæн бастдзинадыл абон ныхас цыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты граждайнаг форумы. Конференци сбастой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фыццаг бонимæ. Мадзалы райдиан сæвæрдтой дидинджытæ, уый фæстæ та сæйраг цау — пленарон æмбырд. Ныхас кодтой республикæйы адæмты иудзинадыл æмæ фæлтæрты бастдзинадыл. Сæргълæууæг фæнысан кодта, ныртæккæ истори бахъахъхъæнынæн ахсджиаг у нæ хъайтарты хъуыды кæнын æмæ сын сæ ном фæлтæрæй-фæлтæрмæ нымайын. Университеты бындурыл сарæзтой равдыст - Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæджы трофейтæ æмæ ногтæ - сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатæй. Мадзаларазджытæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет æмæ республикæйы Æхсæнадон палатæ.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0