Теннисы академи «Асгард»-ы райдыдта æрвылазон турнир

Аватар автора
Стыр теннисæй ерыстæ фыццаг хатт Дзæуджыхъæуы ацыдысты 8 азы размæ. Уæд турнир æрбангом кодта 50 архайæджы, абон та ам бæстæйы æппæт регионтæй 100 спортсменæй фылдæр ис — алы дæсныйæдтæ æмæ фæлтæрты минæвæрттæ. Спортсменты ныхасмæ гæсгæ, турниры æмвæзад æрвылаз бæрзонддæр кæны. Ссæуынц Лагудинты бинонтæ дæр Стъараполæй. Еленæ стыр теннис бауарзта 10 азæй фылдæры размæ, цыбыр рæстæджы фæстæ та йæ къухмæ ракеткæ райста йæ цардæмбал Сергей. Фыццаг турнирмæ æнæнхъæлæджы æрбахаудысты, ныр та Ирыстонмæ сæрдыгон балц у сæ зæрдæбын традици. Сæ ныхасмæ гæсгæ, корттыл вæййы иузæрдион адæмы къорд. Иу сæ кæнынц спорт, активон цард, Ирыстоны аивдзинад æмæ уазæгуарзондзинад. — Ацы турнирмæ мах æрвылаз дæр тынг æнхъæлмæ кæсæм æмæ нæхи бæстонæй цæттæ кæнæм. Корттыл ам æрбамбырд вæййы стыр къорд — не 'мбæлттæ дæр æрвылаз ам сты. — Ирыстоны цæрынц тынг хæларзæрдæ адæм, æхсызгон у семæ кортмæ рацæуын. Кæд стыр теннис тынг уарзæм, уæддæр ам фыццаг бынаты у хæлардзинад. Теннис æгас дунейы æнгом кæны сæдæгай адæймæгты. Андрей Клинчаев фыццаг хатт кортмæ йæ фырты æрбакодта, фæлæ ацы спортмæ йæхæдæг дæр афтæ сразæнгард, æмæ ныр 15 азы дæргъы æнтыстджынæй архайы алыхуызон ерысты. Хъырымæй ссыд бронзæ майданимæ, Адлерæй — æвзистимæ. Ацы турниры йæ нысан у сыгъзæрин. Мадзал байгом кæныны рæстæг Андрей ацагъта саксафоныл. — Хъырымы, Судакы рамбылдтон, фæлæ ам Ирыстоны нæма, уый тыххæй æмæ ам теннис тынг бæрзонд æмвæзадыл ис. Фыццæгты мын ацы спорт хуымæтæг зарядкæйы бæсты уыд, профессионалон...

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0