Дзӕуджыхъӕуы дарддӕр лыг кӕнынц быроны контейнерты алыварс чъизидзинады проблемӕ

Аватар автора
Олег Кошевойы уынджы хӕдтулгӕты бадӕнтӕ, цӕлхытӕ ӕмӕ бампертӕ афтæ бирæ ис, ӕмӕ сæ ӕнӕхъӕн хӕдтулгӕ сараздзынæ. Ахӕм уавӕр ам алы бон дӕр вæййы. Бырӕтты фылдӕр хай контейнерты нæ, фæлæ сæ алыварс æппæрст сты. Адӕм бырон уым цӕмӕн ӕппарынц? Чи зоны, зивӕг кӕнынц, бырӕттӕ ӕгӕр стыр сты, кæнæ та сӕ хуымӕтӕджы сыгъдӕгдзинад не 'ндавы. Фӕлӕ уымӕй тынг тыхсынц бынӕттон цӕрджытӕ. Уынгмæ сыгъдӕг уӕлдӕфӕй аулӕфынмӕ дæр нæ рацæудзынæ. — Нæ хӕдзӕртты рудзгуытӕ байгом кӕнын дæр нӕ бон нӕу. Уынджы сыгъдӕг уӕлдӕф нӕй, нæдæр санитарон нормӕтӕ. Бырӕттӕм ӕввахс ӕрӕмбырд вӕййынц бындзытӕ, куыйтӕ ӕмӕ гӕдытӕ. Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕвзӕр ахадынц нӕ сывӕллӕтты, ацӕргӕ адӕмы ӕмӕ нӕхи ӕнӕниздзинадыл дæр. Гаглойты Зӕлинӕ бырондон ныр 20 азы дæргъы уыны йӕ рудзынгӕй. Сылгоймаг куыд зӕгъы, афтӕмӕй адӕмæн сæхи аххос у. Ардӕм ласынц бырӕттӕ ӕгас горӕтӕй дæр. Фӕлхӕрттӕ ныууадзынц хæрæндæтты хицӕуттӕ, аразджытӕ ӕмӕ хуымӕтӕг цæрджытæ. Фæзуат арӕзт у ӕрмӕст иу районӕн, фӕлӕ йӕм ныртӕккӕ бырон ласынц æнӕхъӕн Дзӕуджыхъӕуӕй. — Ардӕм бирӕ хӕттыты ӕбарцыдысты журналисттӕ ӕмӕ истой æрмæджытæ. Бынӕттон цӕрджытӕ дӕр адӕмӕн арӕх фӕдзӕхстой, ацы ран арӕзтадон бырӕттӕ ӕппарӕн нӕй, зӕгъгӕ. Бырӕттӕ ардыгӕй ласынц бон дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ хатты дæр, фӕлӕ уый уӕддӕр фаг нӕу. Регионалон оператор «ЭРА»-йы минӕвӕрттӕ куыд зæгъынц, афтæмæй аххосаг уый мидæг ис, æмæ горæты бырондæтты фæзуæттæ фаг нæй. — Уымӕй уӕлдай, фӕлхӕртты иу хай зӕххыл февзӕры. Чи дзӕкъултӕ контейнеры иувӕрсты аппары, чи та сӕ бакты тӕккӕ цур ныууадзы. Мах...

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0