Бедзойты Любæ 23 азы кусы мызуры посты службæйы

Аватар автора
Адæймаг йæ куыст зæрдиагæй куы кæна, æхцондзинад дзы куы иса, уæд уый стыр лæвар у. Ахæм хъуыдыйыл фидарæй æууæнды Бедзойты Любæ. Ныр 23 азæй фылдæр лæггад кæны Мызуры цæрджытæн, кæмæндæр пенси, газеттæ æрбахæссы, кæимæдæр хабæрттыл æрдзуры. Фыццаг алы бынæтты фæллой кодта, уый фæстæ æнæнхъæлæджы æрбацыд постмæ. Любæйы кусгæ бон райдайы сæумæрайсом. 78-аздзыд сылгоймаг газеттæ æмæ корреспондеци сæмбырд кæны æмæ æнæзивæгæй рацæуы зонгæ маршрутыл. Æрзилы цалдæр уынгыл, бабæрæг кæны 60 газеткæсæджы. Сылгоймаг йæхи адæмы фарнæй æххæст хоны. Цæрджытимæ се 'ппæтимæ дæр хæларæй цæры. Любæ зæгъы, алы дæсныйады дæр сæйрагдæр у бæрнон уæвын. Ныртæккæ нымæцон технологиты дуг у. Сылгоймаг сагъæс кæны, газеты кад кæй фæцудыдта, ууыл. Куыд зæгъы, афтæмæй, фылдæр хатт бирæуæладзыгон хæдзары разыны æрмæст иу газеткæсæг æмæ уый дæр хистæр кары минæвар. Сæ иу Елойты Хъамболат. Нæлгоймаг бавдæлд æмæ сарæзта сæрмагонд стенд, уым алы райсом равæры газетты ног номыртæ. Афтæмæй, йæ фæнды кæстæрты æргом мыхуыры фæрæзтæм раздахын. Кæд стыр сахарты уавæр фæивта, уæддæр хæххон æмæ дæрддзæф хъæуты постхæссæджы куыстæн стыр ахадындзинад ис. Любæйæн æхсызгон у, адæмæн пайда кæй хæссы, уый. Хæларзæрдæ сылгоймаг ма суанг кæрдзын æмæ хъæугæ хостæ фæхæццæ кæнын кæмæн хъæуы, уый дæр зоны. Æххуысцухы фарсмæ балæууы. Постхæссæджы куыст домы стыр фæразондзинад, фæлæ æнæ уымæй Любæ йæ цард нал уыны. Йæ равзæрст фæндагыл иу бон дæр нæ фæфæсмон кодта. Йæ бæллиц та у адæмæн фылдæр хорз хабæрттæ хæссын.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0