Цæгат Ирыстоны Национ музейы байгом егъау этнофестиваль

Аватар автора
irystontv
⚜️«Рон» — афтæ схуыдтой абон Национ музейы цы этнофестиваль байгом, уый. Æрбалвæста бæстæйы хуыздæр æрмдæсныты.     🤩Æрæмбырд кодта ирон, уырыссаг, кæсгон, хъæрæсейаг, гуырдзиаг æмæ æндæр адæмыхæттыты национ уæлæдарæс. Мадзалы уазджытæ: Красноярскæй Хъырыммæ. Бацæтæ кодтой цымыдисаг дзауматæ.     ✨Этнофестиваль ахæсдзæн майрæмы мæйы 27-æм боны онг. Уæдмæ бæстæйы цæрджытæ хæстæгдæр зонгæ кæндзысты республикæйы хъæздыг истори, рæсугъд æгъдæуттæ æмæ алæмæты æрдзимæ.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0