Дзæуджыхъæуы базарадон-экономикон техникум æмæ Беслæны 8-æм профессионалон училищæ баиу кодтой
irystontv
Дзæуджыхъæуы базарадон-экономикон техникумы фæсивæды ахуыр кæнынц дыууæ хайады. Хæринаггæнæг-кондитерыл æмæ амайæгыл. Ацы аз техникуммæ бафтыдтой Беслæны 8-æм профессионалон училищæ. Ахуырадмæ бацæуыны къамис кусын райдыдта 20 июны. Гæххæтытæ бадæдтын уыдзæн 15 августмæ.