Дзæуджыхъæуы куырмыты æхсæнады куыстуат цыфæнды зиндзинæдты дæр йæ архайд æххæст кæны

Аватар автора
Республикæйы Сæргълæууæджы Указмæ гæсгæ «Промышленностьы сгуыхт кусæджы» ном радтой Гæтциты Батрадзæн. Уый у æгас коллективы хæрзиуæг цыфæнды зындзинæдты иумæйагæй размæ чи цæуы, зæгъы Дзæуджыхъæуы куырмыты æхсæнады куыстуаты генералон директор. Ахæм уавæрты фидар лæууын æнцон нæу. Ацы автоматыл æнусы 'рдæгæй фылдæр цæуы. Арæх — сæстытæ, æппынæдзух цалцæг. Фæлæ куыст не 'нцайы. Пластик ныккæнынц автоматы æмæ дзы цыбыр рæстæгмæ рауайы цæттæ æрмæг прищепкæтæн. Уый фæстæ хомаг арвитынц æмбырдгæнæн цехмæ. Ам кусджытæ се стъæлттыл æфсæйнаг гæрзтæй бафидар кæнынц хæйттæ æмæ дзы рауайы прищепкæ. Фæлтæрдджын дæсныты арæхстдзинад дисы фтауы. Сæ æнæниздзинады уавæр дæр сæ нæ хъыгдары архайд хæрзхъæд æххæст кæнынæн. Бэлла Дементьева куырмты æхсæнады куыстуаты фæллой кæны 30 азæй фылдæр. 1993-ы сылгоймаг Грознайæ ралыгъд Дзæуджыхъæумæ. Зæгъы, цы хъуыддагыл хæст у, уый уарзы. Фæлæ уавæртæ фæстаг рæстæг сты уæззау æмæ тæссаг. Ноджы ма Бэллæ куры, цæмæй кусджытæн æхсыр дæттой. Бынаты алы ран дæр ис пластикы хæйттæ - уый æрбынат кæны рæуджыты æмæ ацæргæ адæмæн æрвылбон хæссы тасдзинад. Фæлæ абон куыстуаты ис æндæр фарста дæр. Раздæры егъау заводы, 400 адæймаджы кæм куыстой, уым ма баззад чысыл коллектив - 34 специалисты. Гæнæн ис, æмæ цех сæхгæндзысты. Генералон директор Гæтциты Батрадз æппæт уавæртæ дæр хорз зоны. 50 азмæ ахуыргæнинагæй схызт разамонæджы бынатмæ. Куыстуат хъахъхъæнынц æппæт тыхтæй. Ныртæккæ æнхъæлмæ кæсынц республикæйы хицауадæй æххуысмæ. Æрæджы хъыгдард æнæниздзинадимæ...

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0