Абон ӕгас дунейы бӕрӕг кӕнынц медицион хойы бон

Аватар автора
Йӕ фыццаг укол Тменаты Зӕлинӕ скодта суанг 10-аздзыдӕй. Йӕ мад фосы дохтыр уыд ӕмӕ чызг сабийæйӕ фӕстӕмӕ тырныдта ӕххуыс кӕнынмӕ. Фӕлӕ йӕхицӕн равзӕрста ӕндӕр фӕндаг — сси сывӕллӕтты рынчындоны медицинон хо. 40 азӕй фылдӕр стаж. Абон у Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны инфекцион реанимацийы хистӕр медицинон хо. Медицинӕ бæрзондтехнологон куы нӕма уыд, уӕд, райдыдта йæ дæсныйадмæ фӕндаг. Дзуапп хуымæтæг — уымӕн ӕмӕ уарзӕм сывӕллӕтты. Ӕмӕ ам алкӕмӕн дӕр уый куыст нӕ, фӕлӕ царды нысан у. Æхсӕвӕй-бонӕй цӕттӕ уӕвын цыфӕнды зын уавӕр ӕмӕ ӕвӕджиауы цаумӕ дӕр. Æмӕ йæ фервӕзын кодта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ та ма дæсгай чысыл сабиты цард дæр. Бирæ хабæрттæ радзырдта не сфæлдыстадон къордæн цӕссыгкалгӕ Зӕлинӕ, йӕ зæрдæйæ чи нӕ хицӕн кӕны, уыцы чысыл рынчынты тыххӕй. Реанимаци ӕмӕ интенсивон терапийы хайадмӕ сывæллæттæ бахауынц уӕззау уавæры, хатгай хӕцгӕ низтимӕ. Хайады æппæт кусджыты бӕлвырд куыст снысан кӕнын, рынчынтӕн хъӕугӕ хостӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ дæттын — ацы хъуыддæгтæ сты хистӕр медицинон хойы сӕйрагдӕр хӕстӕй иутӕ. Ацы рынчындоны иу адӕймаг дӕр йӕхи хъӕбатырыл нӕ нымайы. Дзуапп дӕттынц хӕдӕфсармӕй ӕмӕ, дис кӕнгӕйӕ дӕр — уый у нӕ куыст. Æмæ сæ ныхӕстæ æнцайынц сывӕллонмӕ ӕнӕкӕрон уарзондзинадыл. Гӕздӕнты Маринӕмæ афтæ кæсы, цыма йын реанимацийы куыст хъысмæтæй лæвæрд у. Уый та хъысмæт нæ, фæлæ адæймагæн йæхи фæндон у — алы бон дӕр ӕргом зӕрдӕйӕ тох кӕнын сывӕллӕтты цард æмæ æнæниздзинадыл. Ныфс дæттын канд сывӕллӕттӕн нӕ, фӕлӕ æмкусджытӕн дӕр — æнкъарӕнтӕ куы стынг вæййынц æмæ...

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0