Поделиться в MAX

Цæгат Ирыстоны цæуы проекты 5-æм сезон

Аватар автора
«Фермерты скъола»-йы 5-æм сезон райдыдта Цæгат Ирыстоны. Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд фехъусын кодта, афтæмæй ахуырдзаутæ дих кæнынц дыууæ къордыл: «Фермерон хæдзарад саразын» æмæ «Кæсаджы куыстгæнæг хæдзарад». Проекты архайджытæн бакæсдзысты лекцитæ æмæ сараздзысты практикон ахуыртæ Хæххон паддзазадон аграрон университеты, уыимæ фембæлдтытæ эксперттимæ, республикæйы раззагдæр куыстуæтты разамонджытимæ. Раздæрау сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæ проекты архайынц æнæ радæй. Ахуырадон курс у лæвар æмæ цæуы 2 мæйы æмæ 'рдæг. Гæххæттытæ бадæттæн ис 1-æм августæй 10-æм сентябры онг. Ныридæгæн программæ ацыдысты 120 адæймаджы, уыдоны хыгъды сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæ 30-æй. Рауагъдонтæй бирæтæ байгом кодтой хи хæдзарæдтæ. Цы ногдзинæдтæ базыдтой, уыдоны руаджы сæ хъуыдытæ рауагътой царды, спайда кодтой паддзахадон æххуысæй.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0